Загадки на осетинском языке с ответами
Обновлено: 24.12.2024
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Следующая загадка
Адæймаджы æмцыд цы кæны? (Аууон) – Кто идёт наравне с человеком? (Тень) ; Адæймаг цæмæй нæ фæллайы? (Улæфынæй) – От чего человек не устаёт? (От отдыха) ; Нæ галæн æстдæс сыкъайы. (Саг) – У нашего быка восемнадцать рогов. (Олень) ; Арвæй зæлдагæ – зæнхæн цинадæ. (Хуры тын) – С неба шелковая нить – земле радость. (Луч солнца) ; Нæ цары цæхæры кæфой. (Стъалытæ) – На нашем чердаке совок с углями. (Звёзды) ; Сау дæн, æмæ сынт нæ дæн, урс дæн æмæ цыхт нæ дæн. (Булкъ) – Черна, да не ворона я, бела, да не кружок сыра. (Редька) ; Уæле, уæле – хæдмæл куыдз, уый бынæй – ныггæндтæ, сеъхсæны та – фаджыс ран, уый бынæй та къада куырой. (Сæр, цæстытæ, фындз, дзых) – Наверху, наверху – дохлый пес, под ним погреба, между ними навозник, а под ним молотилка. (Голова, глаза, нос, рот) ; Æна мын хæцъилы гæбаз авæрдта æмæ хурмæ дæр нæ хуыскъ кæны æмæ артмæ дæр. (Æвзаг) – Æнá дала мне кусочек ткани, и не на солнце, ни возле огня не просыхает. (Язык) ; Нæ цары къæдз æхсырф. (Мæй) – На чердаке кривой серп. (Луна) ; Нæ цары цæхæры кæфой. (Стъалытæ) – На чердаке совок с углями. (Звёзды) ; Фыс æй æппары, лæг дзы хæдон кæны. (Къуымбил) – Овца сбрасывает, человек себе рубашку делает. (Шерсть) ; Дада бады, дзыцца кусы. (Куыройы фыдтæ) – Дада сидит, дзыцца работает. (Жернова) ; Æндзæри бадунцæ цъеутæ, зæгъунцæ æцæгтæ æма мæнгæттæ. (Дамгъæтæ) – Сидят птицы стайкой, толкуют о правде и лжи. (Буквы) ; Сау у сынтау, хæцы куыдзау. (Æхсынкъ) – Чёрный, как грач, кусается, как пес. (Блоха) ; Стæгæй фæлмæндæр, фыдæй хъæбæрдæр. (Æргъиу) – Мягче кости, тверже мяса. (Хрящ) ; Цæу нæй сиуæй ба хуæцуй. (Тебæисæн) – Не козёл, а рогом бодается. (Чапельник) ; Авд æфсымæрæн фæйнæ хойы. Цал сты адæппæт? (Иу хо) – У семи братьев по одной сестре. Сколько их всего? (Одна) ; Æхсæвæ уинуй, бонæ – нæ. (Уызын) – Ночью видит, днём нет. (Ёж) ; Зымæг хæры, сæрд – нæ. (Пец) – Зимой ест, летом нет. (Печь) ; Армы дзыхъхъы цъæх денджыз. (Арв) – На ладони синее море. (Небо) ; ИРОН АДÆМЫ УЫЦИ-УЫЦИТÆ
Следующая загадка
Презентация на тему Загадки на осетинском языке, предмет презентации: Разное. Этот материал в формате pptx (PowerPoint) содержит 15 слайдов, для просмотра воспользуйтесь проигрывателем. Презентацию на заданную тему можно скачать внизу страницы, поделившись ссылкой в социальных сетях! Презентации взяты из открытого доступа или загружены их авторами, администрация сайта не отвечает за достоверность информации в них, все права принадлежат авторам презентаций и могут быть удалены по их требованию.
Следующая загадка
Викторинæ арæзт цæуы телеуынынады равдыст «Своя игра» -мæ гæсгæ.
Хайад дзы исынц дыууæ командæйы. Арæзт цæуы дыууæ турæй. Командæтæн лæвæрд цæуы фæндæгтæ-темæтæ, алы темæ æмæ дзуаппæн дæр ис аргъ.
(Дзуаппы аргъ уыдзæнис фарстамæ гæсгæ. Аргъ уæлæмæ куы хиза,афтæ фартыстæ дæр вазыгджындæр кæндзыстын).
Мыртæ æмæ дамгъæтæ
2-аг туры фæндаг:
Командæтæ радыгай æвзарынц хæслæвæрд. Дзуапп дæттынц дыууæ командæ дæр. Фæлæ фыццаг дзуапп раттыны бар ис командæйæн, кæцы равзæрста фарста.
Блиц куы уа, уæд та дзуапп дæтты командæйæ æрмæстдæр иу скъоладзау. Хъуыды кæнынæн рæстæг нæ цæуы лæвæрд.
Рамбулдзæнис уыцы командæ, кæцы æрæмбырд кæндзæни фылдæр балтæ.
Ис дзы жюри. Уыдон нымайынц балтæ. Зæгъæм:
I командæ II командæ
Темæтæ æмæ хæслæвæрдтæ.
1. Мыртæ æмæ дамгъæтæ.
10 Пырхытæ дамгъæтæ.
Æрæмбырд кæнын дамгъæтæ раст ,цæмæй сæ рауайа 10 цæрæгойы ном: гъæс, азхъ, гъиæрб, сæгау, ккуæыр, рæгъдз, сыф, грææх, ккра, дзуык.
20 Цавд раст æрæвæрын.
Á-бон, á-ба-на, æв-зá-лы, къǽбыла, нóмдар, къýту, гæлæбý, бǽстæ, мǽргътæ, хóтæ.
40 Ребустæ
(Бакæс ребусты дзырдтæ)
50 Куыд хъæздыг у дæ дзырдуат?
Литературон уацмыс. (жанр)
Уаты дзаумайы ном.
(кадæг, рувас, кæсæн, кæлæх, кæрог)
30 Зæгъын хъуыдыйад иу дзырдæй.
Уидаджы разæй цы дзырды хай вæййы, уый. (разæфтуан)
Тæрсгæ чи нæ кæны, æхсарджын чи у, ахæм адæймаг. (хъæбатыр)
Хæдтæхджыты лæууæн бынат. (аэродром)
Адæмы низтæй чи дзæбæх кæны, ахæм адæймаг. (дохтыр)
Хъæддаг цæрæгойтыл чи цуан кæны, ахæм адæймаг. (цуанон)
Нæ ныхас цæмæй арæзт у?
Æвзаджы æппæт дзырдтæ иумæ куыд хуыйнынц?
Дзырдтæ цал нысанонтæ вæййынц?
Цавæр дзырдтæ сты синонимтæ?
Æнæ фæрæт, æнæ дзæбугæй скæны хæдзар. (цъиу)
Доны мидæг æгас у, сурыл - мард. (кæсаг)
Иу лæгæн 12 фырты. (æфæдз)
50 Æмбисæндтæ нывтæм гæсгæ зæгъын. (æвдисын нывтæ)
30 Базонын, фразеологон дзырдбаст нывмæ гæсгæ.
40 Куыд æмбарут фразеологон дзырдбæстытæ, кæй кæнæ цæй кой кæнынц?
Хъуыддæгты йæ фындз тъыссы.
Цæлхдуртæ йын æвæры.
Тæрхъусы зæрдæ йын ис.
Æртæ бæласы астæу фæдзæгъæл.
50 Сфæлдыстадон хæслæвæрд.
Фенын кæнын архайдæй, кæнæ та мимикæйы фæрцы:
«Кæцæй мæм æрхаудта?»
«Куыд хæрзад кас у!» ,…
(райсæн ис æндæр исты архайд)
4. Хъæлдзæг грамматикæ.
60 Морфологон шарадæтæ.
хъæддаг (хъæд)
лыггаг (лыг)
2. аппар дзырдтæн сæ разæфтуантæ.
ныккæсын (кæсын)
сдзурын (дзурын)
фæцæуын (цæуын)
3. аппар дзырдтæн сæ кæрæттæ.
60 Блиц. Фарстытæн дзуапп раттын.
1. Кæцы хауæнæн ис кæрон -ыл.
2. Ранымай къуырийы бонтæ, сæ нæмттæ сын ма зæгъ афтæмæй - фæрсдзырдтæй. (æндæрæбон, æндæрæбоны размæ, знон, абон, райсом, иннæбон, уый иннæбон)
3. Цы уыдис «райсом», æмæ уыдзæнис «знон»? (абон)
80 «Æнгом бинонтæ» - сты 10 ныхасы хай. Алы дамгъæимæ дæр зæгъут дзырд,цæмæй уа ныхасы хай..
Ч - чызг - номдар
Ф - фæлæ - бæттæг
Р - рæсугъд - миногон
У - уый - номивæг
Б - бадын - мивдисæг
Д - дæс - нымæцон
З - знон - фæрсдзырд
Ц - мах цурæй - фæсæвæрд
Æ - æд хызын - разæвæрд
Гъ - гъæй-джиди! - æвастхъæр
10 Дзырдбыд. «Куыд зоныс ирон литературæ»
1.Хетæгкаты Къостайы фыст æмдзæвгæ.
Хъайтыхъты Георы æмдзæвгæ.
Хетæгкаты Къостайы этнографион очерк.
Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ.
Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ.
Хъайманты Георгийы фыст радзырд.
Цæрукъаты Алыксандры фыст æмдзæвгæ.
Багъæраты Созыры æмдзæвгæ.
Æхполæтты Дзантемыры фыст æмдзæвгæ.
Гаглойты Федыр Захары фырты фæсномыг (псевдоним).
Кочысаты Мухарбеджы фыст æмдзæвгæ.
Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ.
Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ.
Боциты Солтаны фыст æмдзæвгæ.
Дзырдтæ дзуаппытæн: 1 « Ракæс»;2. «Егъау»; 3. « Особа»; 4. «Фесæф»; 5. «Катай»; 6. «Дзафи»; 7. « Цъити»;
8. « Сæрдæ» ;9 «Амонд»;10. «Цинтæ»;12. «Хъæмæ» 13. «Зонын»; 14. « Додой»; 15«. Куырд»;
80 Блиц .Дзуапп раттын фæрстытæн.
Куыд хуыйны дыууæ адæймаджы ныхас?
100 Ныффыссут хъуыдыйæдтæ, кæцыты дзырдтæ райдайдзысты иугъуызон дамгъæтæй.
Читайте также: